Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
Бестаев Г.Г. - Произведения. Том 1 - 2003.doc
Скачиваний:
2
Добавлен:
01.07.2025
Размер:
2 Мб
Скачать
☆

Хъара-Дагъ2

Зæххæй арвы ‘хсæн иугуыр цъæх айнæг,

Хъен ыслæууыдис хох Хъара-Дагъ.

Æви сахъ æлдар — сау хохы сайнæг,

Хъара-Дагъ у дæ фидар гæнах,

Æмæ ‘мбæхсы Агуындæйы ристæ,

Хъал, сæрыстыр рæсугъд чызджы уарзт,

Уæд Ацæмæзы уадындзы схъистæй

Зарæг рухскалгæ сыстид æваст...

Фæлæ зарæг ам никуы нæ хъуысти,

Ам æмбæхстис æвирхъау фыдæх.

Денджыз йе ‘рфæнтæй мæстæй æхсысти,

Кæрдæг басыгъд, ныскъуыдтæ ис зæхх.

Ам хæддзу хантæ уагътой сæ фæстæ

Арты пиллон, цæссыг æмæ рондз.

Ам сæрибары байзæддаг хастой

Даргъ æнусты цагъайраджы ‘фсондз.

Арв æдзухдæр зæрдæхæлд уыд, рустынд,

Æмæ ‘назым æхсинты цъæхахст?

Ам тæригъæдджын къæдзæхты, ‘нусты

Талынг цъассыты тугау ныццахст.1

Туджы зилы йæ Сыгъзæрин кулдуар,2

Цыма маргæйдзаг калмы хъæлæс...

Нæ, нæ йæм ис нæртон фарнæй мур дæр,

Уый фæлывдæй у Сау хохы ‘нгæс

Зæххæй арвы ‘хсæн иугуыр цъæх айнæг,

Хъен ыслæууыд бæрзонд Хъара-Дагъ;

Уый æвдисæндар баззад æгайнæг —

Тар æнусты фыдæхы гæнах.

Коктебель, 1976

Цæмæн?..

Цъæх денджыз — уадсур дæтты Мекка,

Йæ кæрон — эллипсы къæдзау...

Кæнынц ыл хъал дымгæтæ лекка, —

Нæ сын уæзæг и, нæ — хæдзар.

Æрра сæрибар удты бардуаг

Куы хурмæ фесхъиуы, куы та —

Йæ сæрмæ, сахъ Батрадзы кардау,

Æрвæрттывд ачъепп кæны тар.

Æхсныфтау хохнаутæй фæхъазы,

Æнæрцæф уадимæ у ‘мцег.

Куы дары дунейы фыдтасы,

Куы та дзы хур фæкæны ленк.

Куы та зæрин уадындзтæй уасы,

Йæ хъæлæс — удыл тайгæ, ‘хцон;

Æхсæв дзы мæй йæ дзыкку фасы,

Зынынц дзы арвырæттæ бон.

Уæд уый — хæлардзинады бардуаг,

Уæд уый — нæ уæлион дзæнæт;

Бæллиццаг — удæн дзы цы рардæуа,

Вæййы уый рухс амондау уæд.

Куы ‘хсæв цæхæркал бонæй ивы,

Куы та фыдтарæн судзы буд,

Æмæ нæм йе ‘рфæнтæй æрттивы

Æнусон дун-дунейы уд.

Æниу æд хур, æд денджыз дуне

Мæ зонды, ме сконды цæры,

Зынг хур мæ цæсты худы донæй,

Уæларв мæ къæрцхъусы нæры,

Æмæ — цæрæнбоны цъæх уалдзæг —

Бæстысæрытыхы фæрсын:

Цæмæн дæн а-зæххыл æз уазæг,

Æгæрон денджыз та — фысым?!

Гагрæ, 1977 аз

Уæлахизы цырты раз

Зары,

Раст цыма Нары

Зæххæй сыстади дурцырт,

Хохаг саггуырдты ‘хсарыл

Уый æнус-æнус дзурдзæн.

Хæст куы сыгъдис æвирхъау,

Зæхх куы нынкъуыст йæ нæрдæй,

Уæд ирон лæджы цирхъ дæр,

Хурмæ скалдта цæхæртæ,

Рацыд туджы тæрккъæвда.

Дардыл сызмæлыд бæстæ.

Цал цæрæццаджы скъæфта

Уæд йæ саулохаг хæстмæ!

Сау сынтытау фæстæмæ

Сау гæххæттытæ тахти;

Уыд зындойнаг хæсттæмæн,

Цæссыг тугхæццæ тагъди.

Уæд ирон лæджы рондзæй

Мæры ‘нæвгъау цы хъардта,

Уæд уæлахизы монцæй

Судзгæ цал уды ‘рхаудта.

Уарзон буц чызджы риуы

Уæд цы уарзтдидин бахус.

Мады судзаггаг ниуын,

Сидзæр сабиты сагъæс

Ацы дурæн йæ хуылфы

Ныр æнусмæ цæрдзысты.

Ома уыцы хæсттыфыл

Мауал бауадзæм сыстын,

Зары,

Раст цыма Нары

Сыстад кадгæнæг дурдзырт,

Уый ирон лæджы ‘хсарыл

Ныр æнусбонмæ дзурдзæн.

Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн

Бæхтæрæг, мæ тугыстæг, мæ уды ‘ртау,

Арв цæмæй нæ рафæлгæса рустындау, —

Ма фæзил Цъицъамуры1 ‘рдæм — курын дæ...

Ды мæрдон дæ, ды нæ зоныс дзурын дæр.

Фаллагварс — æлхынцъæрфыг хæрам удау,

Уым — фыдгæнæг, арв ыл макуы сауда!..

Ма фæтагъд кæн, уым дæм амонд нал кæсы.

Атындзыдтай æмæ уары сау цæссыг...

Æмæ нал дæн райгонд уыцы уалдзæгæй,

Дудгæ рис мæ уды ‘рфæны нал тайы.

Уыцы судзгæ сау нæмыг ыскалцæг и,

Фæлæ йе ‘хситт нал сысы мæ зæрдæйы.

Уары мыл цъыкк-цъыкгæнгæ Цъицъамуры,

Цырты къæйтыл алæсæн æртæхуылæн.

Цъиу-цъиугæнгæ цъиу цы кæуы, ц’ агуры

Ехх, Цъицъамур, басгуыхтæ зæрдæхалæн...

Фæлæ мæнæ сагъæс батад цадæггай, —

Ахаста йæ дымгæ мигъы къабазыл.

Арвы ‘ртæхты хур — сыгъзæрин — радыгай

Айтыгъта кæркæ-мæркæ мæлхъы базыр.

Сагурамо1, хур та дыл ысхъазыди, —

Хурзæрин æнус дæ сæрмæ бур дара!

Арвырон æркъæлæт ис, æртасыди, —

Разындис æнæмæлæты кулдуарау.

Зымæг

Хохмæ барджынæй æрцыд

Тар, æлхынцъæрфыг, тызмæг

Æмæ урс къæрид кæрцы

Рабадт салд-зачъе зымæг.

Баба-Ягæйы ыссыртау

Радаргъ дæлувадтæй ихтæ.

Æрдзы нал баззад хуызы ‘ртау,

Æрдз кæны фæлурсæй джихтæ.

Тæрхъус фугæты нымбæхст,

Æхсæрæг — йæ тар мæрайы.

Сæлабыр — мæнæй фæдзæхст, —

Уый дæр — тыхст, бецау, нæ райы.

Уæд мæ удлæууæн сæгуыт та —

Æрдзы фидыцы паддзах? —

Дысон уазалы фæкуыдта...

Ам та хъармы бадæм мах.

Йе стонг рохгæнæн — йæ дзæмбы —

Арс къæдзæхлæгæты сдæры,

Æмæ балбирæгътæ зæнгыл

Уайынц тугвæдис ыстæры

Хохмæ барджынæй æрцыд

Тар, æлхынцъæрфыг, тызмæг

Æмæ урс къæрид кæрцы

Рабадт салд-зачъе зымæг.

Фæлæ митхъæпæны бын

Суадон «ало-лай» кæм зары,

Уым цъæх малусæджы фын

Уалдзæгмæ йæ фæндаг дары.

7.02.1976аз

Æвидыц

Зиу ыскодта уалдзæг, æмæ кæртæй

Сабиты цъыбар-цъыбур цæуы,

Се ‘хсæн — цауд, дæлтъуртæгонд чызг уæртæ,

Бакæс æм — лæджы зæрдæ кæуы.

Уый та дын йæхи лæуд хата дзыхъхъы? —

Нæ, цыма зæххон хуыцау у раст:

Бахудтис, æвидыц был фæзыхъхъыр,

Цины суадон раскъуыдис æваст.

Чызг йæ уæлæ арвырæттæ тухы,

Чызг ыссыгъта рог уæлдæфы буд;

Хуры тыны чъинатæ йæ къухы;

Рафæддæхта дунемæ цы уд! —

Калы, цыма сгъæлфæнтæ — сыгъзæрин:

Алфæмблай ныррухсдзыд æмæ схъарм,

Хъусты рог, æвзистгъуыз кæл-кæл зæлы,

Æмæ тайы цæстыты хæрам.

Барджынæй йæ фидыцджын æмгæртты

Амбырд кæны, самайы сын хъазт.

Афтæ кæсынц чызджы коммæ кæрты,

Раст ын цыма хинæй ысты баст.

Удылтайгæ ‘хцон зарæг куы сисы,

Бандзыг вæййы алфæмблай æппæт;

Арвæй цыма хуры чызг æрхизы, —

Кафынмæ куы рарæвдз вæййы, уæд...

Уæ, бæллиццаг амонды зæрин къæртт,

Цинæй сæтт дæ мондæгтæ нырма.

Цалынмæ дæ дзæбæх уд нæ ‘рынкъард,

Дуне дæм нæма зыны куырмау.

Хъаз уал, хъаз, сывæллоны хъæзтытæй,

Цалынмæ дыл не ‘ртыхстис фыдхин,

Цалынмæ чындздзон чызджы цæстытæй

Кæсæны нæма федтай дæхи.