- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Урс катай
Ды мæнæй, сæрыстыр зæд, фæлыгъдтæ,
Ныр мæ разы — сæрсæфæны рындз;
Ныр хъызт зымæг, ихуазал тымыгътæ
Урс æфсургътыл зæрдæмæ бырсынц.
Урс сагъæсы ме ‘нхъæлцау ныссуйтæ,
Бады мигъ мæ сау цæстыты — урс,
Урс митыл сæ туг лæдæрсы цъуйтæн,
Салд къалиуыл булæмæргъ ныхъхъус.
***
Цыренæй судзынц рудзгуытæ.
Мæйдар æхсæвы сау дзыкку —
Бæрзонд арвыл — пыхцыл.
Кæсынæй дæр йæ рудзгуытæм,
Мæ зæрдæ, цыма буц куы дæ,
Уæд дæм, цымæ, цы ныллæууыд
Æрмæст сагъæс цыхцыр?!
***
Удыгага, сауæрфыг, гуырвидыц,
Атæппæт лæппуты ‘хсæн мæнмæ
Ныр хъуызгæ дæ мидбылхудт куы ‘рвитыс,
Хъавгæ мæм куы фæкæсыс фæлмæн,
Уæд, цымæ, куыннæ хатыс мæ джихтæ,
Уæд, цымæ, куыннæ хатыс мæ рис?
Ма багъгъæл: мæ цæстæнгасы ихтæн
Батайæн дæ мидбылхудтæй ис.
***
Ехх, цы цæстытæн радтон æрхæндæг,
Ехх, цы цæстытæн байстон сæ цин!
Æмæ се ‘нкъард, сæ джихтыл хъæцин,
Фæлæ се ‘рвгъуыз цæссыгты пырхæндæг!..
Нæ, цыкурайы судзгæ фæрдгуытау,
Рухс нæ ныллæууынц зæхмæ цæджындз;
Уый куы сæ ‘ркалы, фатдзæф сæгуытау,
Уæд мæ зæрдæйыл тугтау тæдзынц.
***
Дымгæ скъæфы, халæттау,
Хъарæджы гæппæлтæ.
Ма у, мæлæт, уа-рæдау, —
Сагъæсай тæппал дæн.
Цин нымæг, дыдзы хурау,
Цæсты малы цуды:
Уый цы ныфс, цы цыкура
Атыдтай мæ удæй?!
***
Ды фæцæйцыдтæ рухскалгæ уынджы,
Уынг уæлион дзæнæтау ысуындджын.
Дуне фестадис кувæвдон, аргъуан,
Ды — йæ бæстастæу судзгæ цырагъау.
Æмæ — йемыдзаг уарзты цæхæрæй —
Кодта ‘хцон дыз-дыз д’ алфæмблай уæлдæф.
Æмæ, раст цыма аргъауы, фыны, —
Зæхх ныгъуылдтытæ кодта дæ быны.
***
Дардбæстаг рæсугъд чызджы цæстытæй
Уалдзыгон хъæрмуст æхсæв æнхъæвзы,
Гъе, фæлæ йæ судзаггаг рæвдыдæй
Хурæй иппæрд салд зæрдæ нæ тæфсы.
Ам фæлмæн, сыгъзæрин къæвда уары,
Ам — дзæнæт, фæлæ мæнæн зындон у;
Рухсы цъыргг мæ зæрдæмæ нæ хъары,
Не ‘взарын, æхсæв у æви бон у.
***
Айс-ма, чызг, дæ цъæх цæстытæ — риссаг, —
Зæрдæйыл ныдзæвы, цыма, сындз;
Чызджытæ нæхимæ — хохы — диссаг,
Зæдтимæ нын ивддзæгтæ кæнынц.
Уым цы ‘нкъард дыууæ цæсты ныууагътон,
Уым цы уд æнхъæлмæ мæм кæсы,
Уый æрттивгæ стъалы у мæ цардæн,
Иунæг уый мын хуры тын хæссы.
***
Ме ‘рхæндæг, æрдиаггаджы бонтæ,
Сасадут мын мигътау ныр мæ уд!..
Ахуыссыд мæ чысыл цин бынтондæр
Æмæ ссыгътон сау сагъæсæн буд.
Уый — мæ цин, — дыдзы мыдадз цырагъау,
Тымыгъы фæздæгкалгæ ныххорз.
Тар æхсагв нымæтау арвæй рахауд,
Хуры тын, кæм дæ, мæ уды хос?!.
***
Зæрдæ, зæрдæ, мацы зæгъ,
Зæрдæ, зæрдæ, хъавгæ
Йе ‘мыдзаг у ацы ‘хсæв
Сусæг судзгæ равгæй.
Ис мæ ныфс, мæ бонылæй,
Амонды тæразыл;
Сау фынчытау донуылæн
Сау дзыккутæ ласы.
***
Куыд зындзард дæ, сагъæс, —
Мæ талынг мæрдадз!
Мæ уд дæр мын ахæсс,
Æрмæст мæ ныууадз!
Æрра дæн, — цы дзурын,
Нæ раивыс, цы,
Мæ удлæууæн хуры
Фыдæхсæвау ды?..
Мæ цæстыты дарыс
Дæ базыр тыгъдæй,
Уый, — зоныс, æнкъарыс, —
Хур ме ‘мгæрон нæй.
2.10.1969
***
Æз дыууæ цæсты зонын зæххыл,
Иунæг уыдоны райдзаст æрфæнты
Райгæ фембæлын боны цъæхыл,
Æмæ хуры сыгъзæрин гуылфæнтыл.
Æз дыууæ цæсты зонын зæххыл,
Зæгъгæ, иу уысм дæр не сты мæ цуры, —
Арв мæ сæрмæ мæйдарæй тæхы, —
Æмæ стъалытæй раивы хуры.
Æз дыууæ цæсты зонын зæххыл,
Амонд уыдоны даргъ хаутæй барын,
У мæ удæн сæ рæвдыд, сæ хыл,
Цин, æнкъард сагъæс, рухс æмæ талынг.
***
Ныр, тæхуды, уыцы сыджыт фест, —
Рогвадæй цы сыджытыл фæцæуыс!
Ныр, тæхуды, уыцы уæлдæф фест, —
Уадултæй цы уæлдæфыл ныдзæвыс!
Ныр, тæхуды, дидинджытæй фест, —
Цъæх нæууыл дæумæ кæсынæй бафсæд!
Хъулон-мулон кæрдæджытæй фест, —
Арвыронау адара дæ развæд!
Де ‘мдзугæнæг уахъæз дымгæ фест, —
Аба кæн дæ къабайы фæдджитæн!
Ехх, дæ дзæбæх уды хæлар фест, —
Базон æй, — цæуыл фæкæны джитæн!..
***
Ахсæв у мæ зæрдæйæн зæппадзау —
Саудалынг, æнуд æмæ фыдуазал;
Риутыгъдæй дæ рельсытыл хуыссын,
Фæлæ у дæ бауромын зын.
Уадæг анкъуыст, боны рухс фæхæссыс,
Рудзынгæй сæуæхсидау фæлгæсыс...
Ахсы ныр мæ зæгъинаг дæ хъус, —
Царды йын зæгъæн нæ уыд æнус;
Уый, фæдæн дæ уадæджы сæрдæнтæ,
Уый, уынæргъы рельсытыл мæ зæрдæ.
Цæлхытæ дын ницы дзурынц, ау? —
Уæд мæныл куы рахæтыд Хуыцау!
3.08.1969
***
Дæ сыгъдæг уды раз кæнын сæркъулæй зоныг.
Цы давы, — дам-дум нæ кæд н’ адзалмæ нымудзы!
Хæрам æм ма фæу — зæххон дуне нæ зоны —
Хуыцауы аргъуаны цы уаз цырæгътæ судзы.
Ам удæй уды ‘хсæн æрвон цæдис нæ фæччы,
Зыдтон æй развæлгъау, — нæ йын уыдис ныббарæн,
Рæхысбаст амонды зæххон тыгъдад кæм фæци,
Нæ цинæн райдыдта уым йе ‘вæджиау арæн.
Мæ ныфс, мæ бæллицты цы ‘рхæндæг сагъæс ризы, —
Æрмæстдæр иунæг, иу — дæ рыст зæрдæ — йæ зонæг.
Æз дæм цæрæнбоны адзалы сæрты хизын,
Дæ сыгъдæг уды раз кæнын сæркъулæй зоныг.
6.08.1970
***
Ды æрцыдтæ ‘мæ ме ‘мыдзаг бадæн дæуæй...
Никуы Хуссары афтæ нæ нæрыдис арв,
Ма ‘нхъæл, ахсæв фынæй дын æз бакæнон тарф,
Нæй фынæй мын, мæ дардбæстаг рухс Музæ, нæй.
Уый цы тас у,
Цы фыдохаг арвы къæр-къæр,
Æви райхъал мæ уды
Дæ рагон кæл-кæл...
Æмæ сцагътой дзæнгæрджытæ ‘васт
Ме ‘ндзыг зæрдæйы цин æмæ маст.
1976
***
Тар, æцæгæлон хæдзары
Алцы тугдадзинау ‘гас,
Иунæг урсдзæсгом ус царыл
Ирд æрвгъуыз цæстытæй баст.
Томыг къултæ дæр цæмæдæр
Цыма ‘нхъæлцауæй кæсынц,
Ус, уæд телефоны хæтæл
Судзгæ сусæг рис быхсынц.
Тары телефон дзыназы,
Тары телефон кæуы,
Усы урс пумпуси базыл
Цæссыг гагатæй кæлы.
Базыл дзыккуйы уаззау быд,
Калмау сау хæлбурцъ кæны...
***
Уастæн бастъæлон, кæд цы мæ ‘лвасы
А пыхцылдзыкку хризантемæтæм! —
Уый мæ бакодта мæт йæ дæлбазыр:
Уый мæ бæллицты ризгæ демæ дæн.
Макуы фембæлон, макуы де ‘нгæсыл, —
Сыстыс зæрдæйы зæды сурæтау!
Уый пыхцылдзыкку дидин не ‘нкъуысы, —
Нæ, дæ цуры дæн, нæ, дæ цуры дæн!
Уастæн, сау фæнык фестон ацы ран,
Кæд мæ цæстытæй никуы рахизай!
Кæд мæ зæрдæйы никуы бацæра
Мæт къæмдзæстыгæй, цин уæлахизæй!
***
Ды дæ æндæр галактикæйы стъалы,
Нæ орбитæтæн баиугæнæн нæй,
Уæддæр мæ зæрдæ сау диссагыл дарын
Æмæ цæрын сæнттæй:
Кæд а царды æппæтæн дæр кæрон и,
Æцæг кæд ивы алцы дæр йæ уаг,
Уæд, чи зоны, æрдзы змæлды гармони
Йæхæдæг дæр æнусон нæу, мыййаг!..
Уæд, чи зоны... Ыской дæр æй нæ уæндын, —
Мæ зæрдæ мын цы сусæг цин зæгъы...
Мæ удмæ дард ысгъалыйы тæмæн тын
Æнусты сæрты амондау тæхы.
***
Цæмæн дæ агуырдтон куырмæджы,
Æрвгъуыздзаст, саудзыкку, гуырвидыц,
Куыд ‘рæджы бакодтон, куыд ‘рæджы, —
Нæ сæртæ урс-урсид æрттивынц.
Фæрси-фæрс фæндæгтæ рыгкалгæ
Тæхынц æнæнысан бæрзæндтæм,
Ныр мах уырыдамонд мыггагмæ,
Æбар — нæ бæллицтæ, нæ сæнттæ.
Ныр бонтæ ниудзысты æмбуйæ,
Фæстейæ — ихуазал фыдджитæн, —
Кæддæр дæ сатæг-сау дзыккуйæ
Йæхи æрцауыгъта мæ фидæн.
8—10.12.1970
***
Мæгуыр Родригойы хъысмæт мын
Цæмæн ысхай кодтай, Хуыцау:
Отелло йе ‘рвон монц ныссæтты,
Æз та — æнхъæлмæгæс куыдзау.
Æз та бæрзонд арвæй æрхаудтæн, —
Кæддæры мигъæмдзу цæргæс,
Цыма зæххон адæмы цауддæр, —
Æрмæст сæ къæхты рыг дæн æз.
Мæгуыр Родригойы хъысмæт мын
Цæмæн ысхай кодтай, Хуыцау!
Фæлтау, цы дæ курын — ныббæтт мын
Æнусон рох ингæны тар!
2.06.1970
***
Хæрзбон, æнкъарды саударæн минуттæ, —
Зæрдæнцойы фæстаг фидар гæнах!
Ныр æз кæнгæ, цæссыгæмхæццæ худтæй
Хуыснæггагау æмбæхсдзынæн сымах.
Мæ былтæ ныр мæрдон зыхъхъыр уыдзысты, —
Мæ уазал худтæй бафсæдиккой кæд;
Мæ цæсгомыл мын артуылæн уындзысты,
Мæ зæрдæйы та их уыдзæн ныгæд...
Нæ мын уыд цин, сымах ма мын уыдыстут,
Нæ фæцис уый дæр дунейæн æхцон;
Уæ хорзæхæй, мæ цæсты малтæй сыстут, —
Мæ «амондмæ» кæл-кæлгæнгæ кæсон!
2.10.1969
***
Дæ тæргæйттæн, дæ уайдзæфтæн
Нывонд фæуа мæ сæр!
Дæ цæсты зулæй фатдзæф дæн,
Дæуыл тайын уæддæр.
Сындзытæ дарыс уардийау:
Зынудисæн — мæ уарзт;
Куы худгæ кæныс мартъийау,
Куы сасадыс æваст.
Уæддæр мæ сæр дæ тæргæйттæн,
Дæ уайдзæфтæн — нывонд;
Куынæ домынц æндæр кæйдæр. —.
Мæнæн ысты нывгонд!
Сыгъзæрин фæрдыг фурды бын,
Мæ ныфсимæ хъæрмуд, —
Дæ хъыджы ‘Рфæны хуртыфыл
Нымбæхсы мидбылхудт.
25.12.1971
Табу
Кув мын, кув æмæ схицæн уон а-мсенг дунейы сагъæстæй,–Артсей, дон æмæ сау зæххæй, семсе уæлдæфы ахæстæй.
Руставели
Цы мыл æрцыд, цæмæн ризын æмхуызон?
Æви мын кæд ысчынди хин-кæлæнтæ:
Кæд арвы дуæрттæ гомæй федтон дысон?
Мæ цард, цыма, уыдис цыбыр мæлæтау,
Ныр сыстадтæн мæрдтæй — зæххон Чырысти —
Уæларвон тых мæм фегуырдис æнæнтау.
Мæ быны зæхх къæс-къæсгæнгæ ныррызти
Дæ къухæй мын, бæсты сæры тых Амур,
Уый уагæры цы ныхы ныв, цы фыст и?
Дæ цæлхъытæй уæд та мæ зæрдæ бамур, —
Ыссардтай дзы сыгъд быдыры оазис! —
Куыд æй хæссыс сæрмæ, дæхицæн табу!
Æнгæс дзиглотæм хъуамæ ма дæр тасис,
Планетæтæй тыччытау хъуамæ хъазис.
***
Уары мит тъыфылтæй æмæ уардзæн.
Асады мын ме ‘рхæндæг уд маст:
Уый æртхутæг фестади цъæх уалдзæг,
Уый ныскъуыдтæ хърихъуппыты уаст.
Æмæ уарынц, урс митау, мæ сæрыл, —
Карз зымæг мæм дзæгъæлы фæкаст:
Рухс амонды стъалыджын къæсæрыл
Барджынæй нæ бахызти мæ уарзт...
Уары мит æгъуыссæг урс æхсæвау,
Рухс уыдзæн мæ сау сæрыхъуын тагъд;
Ме ‘рхæндæг уд амонды къæсæрыл
Никуы дæр нæ бавæрдзæн йæ къах.
29—31.10.1969
***
Уарзты кувæндоны судзы
Уаз мыдадз цырагъ фæлмæн.
Удæн у дзæнæтмæ рудзынг
Йе ‘рвгъуыз рухс тынты тæмæн.
Судзы, судзгæ-судзын тайы,
Уымæн ахæм у йæ ныв:
Цас йæ зæххон буар ивайы,
Уыйас рухс фылдæр кæны, —
Талынг дунейы фыдæхæй
Уымæн ‘нæсирвæзгæ нæй;
Искуы схицæн уыдзæн зæххæй,
Искуы фестдзæн рухс æмткæй.
Калдзæн рухс тæмæн уæлиау,
Тар уа цалынмæ бæстыл...
Кæд ыстъалытæ дæр уыйау
Уаз зæххон цырæгътæ сты?!
Урс къæхтæ
Урс дыууæ фæлмæн къахы, сымах
А сау зæххыл афт’ аив цæут,
Афтæ хъавгæ, рогвадæй, цыма
Байтыгъди уæ фæндагыл мæ уд.
Урс дыууæ фæлмæн къахы, сымах
Арвы цъæх цы цæстыты хæссут,
Гъе цы былтыл рухс амонды ‘ртах, —
Удыхос сыгъзæрин мидбылхудт;
Гъе цы гуыр, цы фидыц уæнгты конд,
Гъе цы уарзт, цы дунейы дзаг цин,
Уыдонæн мæ рæзгæ цард — нывонд,
Уыдон æз мæ къухуырзтыл хæссин...
Урс дыууæ фæлмæн къахы, фæлтау,
Зæххыл нæ, мæ зæрдæйыл цæут:
Чи зоны, фæкъул ын уа уæд та
Пух былтæй сыгъзæрин мидбылхудт.
20.12.1967
Музæмæ
Никæй цæстытæн нæ пъа кæнын,
Музæ, дæ цæстыты фæстæ.
Сусæгæй арвы дуар бакæнын,
Семæ фæкæнын ныхæстæ.
Уыдон мын цас дзурынц, цас дзурынц
Уды рæстдзинады диссаг!
Се ‘нкъард фæкастæй дæр асурынц
Масты, дывыдоны риссаг.
Кувын æз уыцы æрра бонæн,
Царды куы фембæлдтæн семæ! —
Ме ‘нхъæлцау уды æрбабонæн,
Ме ‘рцыдæн зæдты дунемæ!
Аивæй арвы дуар сæхгæнын, —
Ма уа нæ зæрдæтæм хъусæг,
Ме ‘нкъард ыстъалы, мæ тæхгæ фын,
Ме ‘хгæддуар сагъæсты сусæг.
11.08.1975
***
Афонмæ ды дæр фæцæуыс миты,
Афонмæ дæуыл дæр уары мит,
Гъемæ кæд дæ зæрдæ домы ‘лгъитын,
Уæд фыдхал зæххон хъысмæт æлгъит.
Афтæ ныл ныууарыдис æвзонгæй,
Афтæ — сау — нæ сæры хил — ысурс,
Хъуамæ ныл, нæ уды фыдтæ ‘взонгæ,
Батар уа нæ уарзтмондаг æнус.
Стъалытæ сæ цæгвæндæгтыл зилынц
Рухскалгæ сæ равзæрдæй нырмæ.
Се ‘мбæлццонгъуыз зæрдæтæ та хилынц
Сæрсæфæнмæ хауæнты куырмæй.
Цалыл махау рахæтыди рæстæг,
Цалыл махау рахæтыди дут,
Цал амондæн ноджыдæр нæ фæстæ
Акæлдзæн сæ хъæлæсæй сæ туг!..
Афонмæ мæнау фæцæуыс миты,
Уары мын дæ рыст удыл дæр мит.
Гъемæ кæд дæ зæрдæ домы ‘лгъитын,
Уæд нæ куырм зæххон хъысмæт æлгъит...
***
Æз фæцæйцыдтæн æнкъардæй
Талынг тар хъæды Дантейау.
Зæхмæ бур сыфтæртæ калди
Æмæ зæрдæ кодта хъеллау.
Ратахт уалынджы мæ размæ
Хурæй минæвар — æхсинæг,
Уымæ хингондау нымдзаст дæн,
Дзурын нал арæхстæн цинæй.
Цыма бæлæсты æхсæнты
Каст дæргъуадздзæгтæй ирон арв —
Чызг йæ цæстыты æрфæнтæй
Худти дидинæгджын бонау.
Исдуг фергъуыйау, фæтыхсти,
Стæй йæ мидбылхудт æрбахста
Æмæ зæрдæйы нынныхсти,
Амазонкæйы цъæхахстау.
Уыцы бахудт мын мæ зæрдæ
Судзы цинæй æмæ мастæй,
Цыма уалдзæджы фæкастæй
Фæззæг акалдта цæхæртæ.
***
Æрбахста уарзты зæд æмбисвæндагыл мæн,
Мæ зæрдæсæр ныссагъта фат сыгъзæрин,
Æмæ мын уалдзыгон мырæг къæвда, фæлмæн,
Æртайын кодта миттъыфыл мæ сæрыл.
Æнахуыр хинымаргъ мæ рудзынгыл æрбадт,
Æрдаг — йæ цæстытæ, ныббастой мæ кæлæнтæй.
Æрттывта уый æмæ тъыфыл гуылфæнтæй калд
Дзæнæттаг арвырон йæ пакъуыйы тæмæнтæй.
Йæ бæрзонд урс хъуырæй сæрыстыр амонд худт,
Æхцон — йæ дзыхыдзырд, хуыцæутты ‘взагыл зарыд.
Мæн кодта саурасыг æнæмæлæты буд,
Æмæ тæрккъæвдатæй дзæм-дзæм мæ удыл уарыд.
Мæ зæрдæ, бастъæлай, цы хæлæф дæм фæзынд?!
Æввахс æм балæууын цæмæн домдтай дæ зыдæй?
Æви дын амондæн нæ уыд æгъгъæд йæ уынд?
Æви йæ къæхты рыг кæй уыдтæ, уый нæ зыдтай?
Куы федта хинымаргъ йæхимæ хæстæг мæн, —
Ыстахти, фехста мæ фыдсагъæсы цъысыммæ:
Æрвнæрдау афардæг мырæг къæвда, фæлмæн,
Æмæ та абухы мæ бецыччы хъызт зымæг.
