Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
Бестаев Г.Г. - Произведения. Том 1 - 2003.doc
Скачиваний:
2
Добавлен:
01.07.2025
Размер:
2 Мб
Скачать
☆

Цезары монолог

Æз ахуысдзынæн а дунейы стъæлфæнау,

Æз ахæсдзынæн а дунейы хъизæмар.

Мæ фæллад бон æнафоны куы ‘ризæр уа,

Мæлæт мын уæд уыдзæни даргъ, ыстыр фынау.

Уæддæр хъысмæты тугамæхст цалх тулдзæнис

Æмæ кæндзæн йæ быны цъист рæстаг удты;

Æмбисвæндагыл тугтæригъæд хурзæрин

Ныгуылдзæни поэты цæсты гагуыты;

Къæс-къæсгæнгæ уæддæр кæлдзысты фидæрттæ:

Æнус-æнус кæрон нæ уыдзæн удхарæн;

Кæйдæр амæндты даргъ æнгуылдзтыл чидæртæ

Æвæрдзысты зæрин хъадаман — къухдарæн:

Сыф-сыфгæнгæ, хъæстæ кæлмытау, таустæ

Тъымы-тъыматы хъусæй-хъусмæ хилдзысты,

Дзуарылæг куы уай, уæддæр, хуыцауыстæн,

Мæлæтмæ дæ зындоны зин æгъгъæлдзысты;

Дæ хуыздæр хæлар — Брут дæм кард ысласдзæнис;

Æмæ дын æй ныссадздзæнис дæ зæрдæсæр;

Дæ уарзон дын дæ ризгæ удæй хъаздзæнис,

Амранау дын дæ игæр хъардзæн цæргæсæн;

Меркантилизмы бур дæндæггæ ‘хсындзысты

Йæ сау ыстджытæ ацы зæххы къорийæн,

Зылынджынау тæппуд рæстдзинад хиндзастæй

Æмбæхсдзæнис йæ фæскъæсæр историйæн...

Æз ахуысдзынæн а дунейы стъæлфæнау,

Уæддæр ма дзы ныууадздзынæн фыдхъизæмар.

Мæ фæллад бон æнафоны куы ‘ризæр уа,

Мæлæт мын уæд уыдзæни даргъ ыстыр фынау.

Нефертити

Л...

Ме ‘рхæндæг цырагъхуыст Нефертити,

Ныр мæйрухсы аууонау цæуыс,

Уазал худы де ‘рвон уындæй цъити,

Арвыроны нал хъазы дæ хуыз...

Хуртæ нæ, мынæг мæйтæ дæ хъуыртæй

Ныр æнкъард, къæмдзæстыгæй кæсынц,

Цæстытæ сæ дæргъæлвæст зыхъхъыртæй

«Уагæры цы ракодтам?» — фæрсынц.

Уæ, бынбауай, а дуне, бынбауай,

Кæд дæ бон цы фидыцæй фæцух!

Кæд дæ ирд зæххон хуртæй куы хъауай,

Уæд уæларв дæу никуы скæна рухс!..

Уый кæддæр йæ сау дзыккуты хаста

Уалдзыгон ыстъалыджын æхсæв,

Уый æрмæст æууæндыд æмæ уарзта,

Æмæ кодта дидинджыты тæф.

Йе ‘нæбын рæсуг цæстыты малæй

Цинуылæн, æлутонау, ивылд,

Дæндæгты цырен фæрдгуыты халæй —

Мидбылхудты удыхос тыфыл.

Уадулты — сæуæхсиды тад цъити,

Ирд æртахы хуры тынау рызт.

Раст, цыма, мысыйраг Нефертити

Рухскалгæ йæ зæппадзæй ысхызт.

Уый уыдис æгасæй дæр цырæгътæ,

Электроны стъæлфæнтæ дзы калд.

Уарзты зарæг мин уадындзæй цагъта

Æмæ худт йæ фидыц уæнгтæй цард.

Фæлæ иухатт фескъуыди йæ худын

Æмæ ‘рталынг алфæмблай æваст.

Калмы ссырау аныдзæвд йæ удыл

Ихуазал хъæстæ зæрдæйы уарзт.

Цинуылæн мыдгъуыз цæстыты аих,

Ахуыссыди мин цырагъы рухс.

Дуне, дуне, уаих фæуай, уаих,

Кæд дæ бон цы фидыцæй фæцух!..

Ме ‘рхæндæг фæсмонгонд Нефертити

Не ‘хсæн ныр сæргуыбырæй цæуы.

Æмæ йе ‘мпылд мидкъуыбыры дидин

Рагуалдзæджы уазалыл кæуы.

***

Мæнæ, гъе, мæ сусæг сæнтты уаз къуым;

Ардæм дæр мæ ‘рхаста, уарзт, дæ хин.

Ме ‘ргъæвст цин, дæ къуындæг агъуд аскъуын,

Арвы милтыл асæрф ныр дæхи.

Ам-иу рацыд райсомæй сæныкгæс,

Хæхтыл-иу чысыл хурау ыскаст.

Сындзыдон, дæ малмæ-иу куы ныккаст, —

Зæд-иу æм дзы бахудтис æваст.

Рог уддзæф, дæ бон ныччифай, уастæн,

Уыцы зæды къалиуæн чызгæй

Де ‘ртты тасыд йе ‘рдунарæг астæу,

Барджынæй йæ хъазхъуырыл тыхстæ!

Цины хос дæ, хурзæрин, мæ удæн,

Рухс фæндаг мæ сæрастæу ыскæн.

Ды кæддæр йæ сау бæзджын дзыккутæн

Кодтай ам фæлмæн пъатæ чъызгæ.

Арфæйаг уай абонæй мыггагмæ,

Уæлæ хæхты удлæууæн рæхыс, —

Фидарæн йæ зынцарды фæндагмæ

Рахаста йæ цæстыты дæ хуыз!

Уды хъарм къæрттыты ‘нгæс тыччытæ,

Хъазыд уæ йæ даргъ æнтуылдзтæй ам;

Радзурут-ма, ме ‘мкарæн чызджытæ,

Цал хатты йын кодтат-иу хæрам.

Цал хатты, йæ рæстаг хъыг æмбæхсгæ,

Худтаид кæуындзастæй, нæ саст;

Даргъ дзыкку-иу фесхуыстаид уæхскæй,

Ногæй та-иу самадтаид хъазт!

Уæ, сæууон налхъуыт-налмас æртæхтæ,

Кæд йæ цины хъарм цæссыгтæ стут,

Судзы уæ, чысыл зæрин цырæгътау,

Абон дæр йæ мидбылты фæхудт!

Карз уæлдæф, цæмæй мæ кæныс расыг?

Кæд йæ сонт ыстъæлфæнджын кæл-кæл

Абон дæр дæ ронг уылæнты нуазын,

Нуазын æмæ разылди мæ сæр!

Дардæй хи кæмæн кодтон нывæндтæ,

Уыцы къуым, æрдаг уай афтæ ды, —

Равдис мын дæ цъæх нæууыл йæ фæдтæ,

Мæн сæ уæлæ батайын фæнды.

30. 08. 1971. Хъæдгæрон.

***

Царды талынг тархъæды цас фæхылдтæн саугуырмæй!

Зæрдæ никæй нал хъуыди, риуы бандзыг, бакъуырма...

Уæд цы ‘ртахт æвиппайды уагæры мæ иувæрсты:

Ме уæнгтыл — фæфиппайдтон — артуылæн ысирвæзти.

Уарзты гени ‘ндонбазыр ме ‘хсон удыл асæрфта —

Æмæ калы стъæлфæнтæ — арвæрттывдау тасæфтау.

Райхъал ис Амраны туг, сызмæлыд мæ дадзинты,

Фестадтæн æнæнтау хур, циу цырагъ мыдадзын та!

Уый æрцыд йæ дард кæрон ме ‘ндзыгæн, мæ мæлæтæн:

Байгом и мæ цæсты раз ног дуне алæмæтон.

Эллипстыл дзы, раст цыма электронтæ атомы,

Зилынц мириад хуры æмæ зæрдæ ратоны;

Хуры хаутыл — ауындзæг ирд æвзист ыстъалытæ,

Худгæ ‘нхъæвзы цардуалдзæг арвырæттæй алырдæм.

Ахызти мæ хуры тын, — судзын, цыма, дзыуары,

Гъе, цыма цыкура дæн — рухс кæлы мæ быуары.

Ныр цæрын, цырагъ дарын цас мæ бон у, ме скæнæг!

Цас мæ бон у тох кæнын! — мисхал тых мæ не скуынæг.

Ныр æвгъау дæн сау мæрæн, уарзты гени, кувын дæм:

Ма мæ бауадз амæлын а цардыл æнувыдæй!