- •Бестауты гиуæрги
- •Чиныг «уадтымыгъ» Уадтымыгъ
- •Тагъддæр
- •Адæймаг
- •Сырх тырыса
- •Уæлахизы бон
- •Рагуалдзæджы цин
- •Тæрккъæвда
- •Уалдзæг
- •Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи
- •Яннакопулу Фотуламæ
- •Арсены цур
- •Сæумæрайсом
- •Мæ фæдонмæ
- •Иу дзырд
- •Ахæм æнкъард бон уыдаид...
- •Гъæй-джиди!
- •Æртæ минуты
- •Талм бæлас
- •Дæу куы фенын...
- •Уарзондзинад
- •Чиныг «царды цин» Цардвæндаг
- •Октябрь
- •Царды цин
- •Денджыз — зæрдæ
- •Денджызимæ ныхас
- •Саби ма фенæд хæст!
- •Ды нæ фæдæ уыцы нарты кардау
- •Лумумба Патрисы амæлæтыл
- •Æз цæссыг дæп...
- •Сæрибары хæстонтæ
- •Дзуры Ирыстон
- •Дидинæг
- •Мæ азым
- •Сыгъзæриндонытылд изæртæ
- •Зсердсе атахт
- •Усгур меппуйы фын
- •Чиныг «Æхсæв æмæ бон» Стай зоопарчы
- •Уалдзыгон æхсæв
- •Гулиа Димитры амæлæтыл
- •Æвирхъау ныв
- •Сæумæрайсом Ручъы ‘фцæгыл
- •Æртындæс
- •Къостайы бæрæгбон Къахеты
- •«Хурзæрин» —æн
- •Чи зоны
- •Æнусты балц
- •Сатанайы куывд
- •Лæджы къухты тыллæг
- •Уалдзæг
- •Ныстуан
- •Уалдзыгон къæвда
- •Миты къуыбар
- •Рæсугъд бæллиц
- •Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæн
- •Уарзæтты дуэт
- •Нæ горæты къуыдиппытæ
- •Чиныг «царды æртæхтæ»
- •Урс хилтæ
- •Дурсаби
- •Мæ зарджытæ
- •Колыты Аксойсен
- •Цард цыбыр у
- •Къостайæн
- •Хъуылымбегты Гиуæргийы амæлæтыл
- •Композитор Галаты Барисы уæлингæны
- •Хъуды ком
- •Дуне райгуырд
- •Изæр Дзаугомы
- •Хуыцауысконд лæг
- •Алайнаг таурæгъ1
- •Хъара-Дагъ2
- •Уæлахизы цырты раз
- •Чъавчъавадзе Ильяйы мысынæн
- •Ныстуан мæ фæдонмæ
- •Мæ фсескомцæдисон сæурайсом
- •Теркмсе
- •Ныстуан
- •Зсеххы зарæг
- •Уарзондзинады сагъæстæ Уарзт
- •Урс катай
- •Зæрæхсиды сагъæс
- •Кардимæ ныхас
- •Цезары монолог
- •Нефертити
- •Бургъустан
- •Чингуытæм хаст чи не ‘рцыд, ахæм мыхуыргонд æмдзæвгæтæ Николай Островскийæн
- •Мæ Ирыстон!
- •Мыхуыры чи нæ уыд, уыцы рагфыстытæй Зымæгон райсом
Сырх тырыса
Дæ былалгъыл дæ арфæйы дзырд дарыс,
Октябрыл æмбæлыс райгæ, ме ‘мбæстаг!
Ыскодта æрдз йæ райстбавæрды дарæс, —
Цытджын боны æрбалæуд уый дæр фембæрста.
Лæг ыл æнусон кады зарæг зары, —
Кæс, радиойæн феуæгъд ысты йе ‘фсæртæ.
Уæлтæмæн мын мæ риуы арт æндзары
Мæ алфæмблай сырх тырысаты февзæрдæй...
Сырх тырыса, —
Октябры сæуæхсид,
Хъарудæттæг фæллойгæнæджы къабæзтæн!
Æз уый номыл аккаг зарын куы рæхсин,
Уæд уаин иууыл стырдæр поэт а бæстæн...
Сырх тырыса, —
Йæ уындæй талынг тайы,
Йæ равзæрд у зæххыл æппæты стырдæр цау,
Æмæ кæд дуне абон афтæ райы,
Уырнæд дæ — ‘рмæстдæр уый руаджы у, уый фæрцы!..
Дард Африкæйы уымæн негыр кувы, —
Уыны дзы уый йæ цардамонд, йæ хуры скаст.
Сырх тырыса —
У уый номыл æнувыд, —
Дæ зæрдæйы рæсугъд фæндтæ сты ууыл баст.
Цард фестын кодта уый бæллиццаг аргъау, —
Фыдтымыгъты уыдис сæ раздзог адæмæн
Æмæ, кæс, уæртæ, рухсгæнгæ, цырагъау,
Ныр фидар къухтæ рахæссынц уый кадимæ...
Цыдис раст афтæ карз тохы цæхæрты,
Йæ рухс нысан æй арты ‘взæгтæй бахызта,
(Нæй басудзæн рæстдзинадæн цъæх арты):
Зæронд дунейы уый йæхæдæг басыгъта.
Сырх тырыса —
Уый цардфæлдисæг Ленин
Йæ бæстастæу æрсагъта зæххы къорийæн,—
Планетæты ‘хсæн рухсгæнгæ цæудзæни
Цырагъдарæй историйæн!
1958 аз
Уæлахизы бон
Æнæ къæм арвыл уалдзыгон хур хъазыд,
Æрдз цардбæллон рæсугъд сабиау ради.
Йæ мидбылхудгæ урсзачъе Кавказыл
Æнусон цъити царды цинæй тади.
Нæуу фестади сырх дидинтæй æмдзæхæр,
Нæ кæмтты нал уыд талынджы хъæр-цъæл дæр,
Лæг арæзта рæсугъд цард æмæ зæххыл
Йæ цинæй кодта цардуалдзæг къæрццæмдзæгъд.
Æвиппайды фæзындис мигъ хæстæмхиц —
Ныгуылæнæй хæнт сауталынгæй рацыд,
Цъæх арв фæкодта йе ‘рфгуытæ мæстылхынцъ
Æмæ зынг хуры цардхæссæг цæст ацъынд.
Тох сытынг арвыл цæргæстæ ‘мæ мигътæн,
Сæнт цъæхахст кодтой холыхор сынтытæ.
Цъæх арт зыдæй лæбурдта назы хихтæм,
Дзынæзта мад йæ фыртыл рустындтытæй...
Хæстон фæдисмæ растадысты хæхтæ:
«Гъæйтт, тох лæппутæ! — знаг фæзынд цыфыддæр!»
Нырттывтой кæрдтæ, бæстæ ссис гæрæхтæ
Æмæ фæцыд уæззау хæстмæ мæ фыд дæр...
...Нæ рæсугъд цардæй цал лæджы фæцух и,
Цал не ‘рыздæхт и карз тохæй мæ фыдау! —
Цы маст æвзæрстой, гъе цы зын, цы тухи,
Цæмæй уыдаид амондджын нæ фидæн!
Фæцыдысты сæ горæттæй, сæ хъæутæй
Æмæ фыдгулты карды комæй карстой.
Мигъ басыгътой сæ зæрдæты цæхæртæй,
Сæ мæлæтæй нын цардамонд æрхастой...
Уæлахизы уац уалдзæгимæ ‘ртахти.
Нæ риуты мастæн нал аззад йæ фæд дæр.
Цыхцыр ныллæууыд цины цæссыг хæхтæй,
Æмæ цыдысты ‘мвæтæнæгæй дæттæ...
Лæджы цард та ысрæсугъд ис, ысуындджын,
Нæ амонд ис нæ фезмæлды, нæ куысты.
Куы рацæуын æлвæст кардау æз уынджы
Зæрдæхъæлдзæг, ныфсхаст æмæ сæрыстыр,
Куы мæм фæхуды дидинтæй Май нæууыл, —
Мæ фыды фæхудт фенкъарын йæ хуызы,
Уæлахизы бон зæрдæйыл æрлæууы
Æмæ та риумæ циндзинад ныххизы...
1957 аз
Фыййау
Æмбисæхсæвæй ахызти,
Ныссабыр дуне, бафынæй.
Цъæх арвы риуыл Авд хойы
Ныффæлладысты кафынæй.
Æрмæст ма уæлæ сау рагъыл
Нæ фынæй кæны сахъ цæргæс, —
Йæ риуæй худы хурты хур,
Фæтæджы фæлгонц — хурæнгас...
Ильичы фæхудт бонау у, —
Фыййау дзы талынг не ‘нкъары:
Сæнт-сау æхсæвы уый рухсмæ
Йæ фосы дзугтæ хъахъхъæны...
Фæфæлурс арвыл рухс Боброн,
Бон дзир-дзур кæнын райдыдта...
Кавказы хæхтыл хурзæрин
Сыгъзæрин тынтæ райтыдта.
Сыгъдæг уæлдæфы азæлыд
Цъæхснаг хъæлæстæ хохрындзæй:
Йæ хъæлæсыдзаг базарыд
Колхозон фыййау уадындзæй...
Куыд нæ зара уæд цинимæ
Нæ дуджы фыййау, — цардæфсæст:
Йæ фосы дзугтæ — ‘нæнымæц,
Йæ риуæй худы хуры цæст!..
1954 аз
