- •Фæлварæнты билеттæ ирон æвзагæй (ирон æвзаг чи нæ зоны, уыцы ахуыргæнинæгтæн)
- •2010-2011 Ахуыры аз.
- •Хъæбатыртæ нæ мæлынц.
- •Дунейы артист.
- •Æнæмæлгæ поэт.
- •Английы сæрыстырдзинад.
- •Уæрæсейæн ном скодта.
- •Анахарсис.
- •Таурæгъ «Хетæджы къох».
- •Нæ республикæ.
- •Нæ уарзон бæрæгбæттæ.
- •Спорт Цæгат Ирыстоны – Аланийы.
- •Рагон Дзæуджыхъæу.
- •Ирон æвзаг иртасджытæ.
- •Фыдæлты зæхх – Ирыстоны зæрдæ.
- •Ныхас æмæ Хурбадæн.
- •Кавказы фидауц.
- •Фыццаг ирон балеринæ.
- •Беслæныхъæу.
- •«Хъазыбеджы хох».
- •Ирыстоны тырыса æмæ герб.
- •Брытъиаты Елбыздыхъо.
- •Горæтæн – скульпторы лæвар.
- •Ирыстоны лæггадгæнæг.
Английы сæрыстырдзинад.
Ныр фондз æнусы дæргъы Уильям Шекспир – англисаг драматург æмæ поэт – дисы æфтауы дунейы дзыллæтæ. Шекспиры нымайынц уæлдæр мифон хуыцæуттæй. Уый у æцæг герой, Английы стырдæр сæрыстырдзинад æмæ зынаргъдæр исбон; адæмы чи иу кæны, ахæм алæмæты тых.
Курдиатджын драматургы уацмыстæ зындгонд сты æппæт дунейы: уарзт æмæ иузæрдиондзинады трагеди «Ромео æмæ Джульеттæ», историон драмæтæ «Король Лир», «Отелло», «Гамлет», «Антоний æмæ Клеопатра», лирикон-философон «Сонеттæ». Æппæт ацы уацмысты дæр Шекспир сарæзта тыхджын удыхъæды хицау хъайтартæ.
XIX æнусы кæрон сомихаг фыссæг Ованес Шуманян фыста: «Шекспир у нацийы рæзты æвдисæн. Шекспиры чи нæ тæлмац кодта, уыцы адæмыхатт у æнæхсæст æмæ æнæхъару».
Шекспир бацахста йæхи бынат ирон сценикон аивады дæр. Сси хион ирон адæмæн. Стыр æххуыс бакодта уыцы хъуыддаджы курдиатджын актер Тæбæхсæуты Бало. Уый сарæзта ирон театры сценæйыл æртæ фæлгонцы Шекспиры уацмыстæм гæсгæ. Нымад у ирон театры Шекспиры традициты бындурæвæрæгыл.
Уæрæсейæн ном скодта.
Лев Николайы фырт Толстой у зындгонд уырыссаг фыссæг. Йæ уацмыстæ йын зонынц æмæ кæсынц æппæт дунейы. Йæ романтæ «Хæст æмæ сабырдзинад», «Аннæ Каренинæ» æмæ æндæртæ нымад сты дунейон культурæйы хæзнадоны ирддæртыл.
Фыссæг райгуырд 1828 азы граф Толстойы хæдзары. Йæ мад æмæ йæ фыд уыдысты тынг хъæздыг æмæ уæздан мыггæгтæй. Фæлæ уыдон амардысты, фыссæгыл цыппар азы куы цыд, уæд. Саби баззад сидзæрæй. Левы схъомыл кодтой йæ хæстæджытæ. Уыдон радтой лæппуйæн тынг хорз ахуырад: æрыгон граф сыгъдæг дзырдта французаг, англисаг æмæ немыцаг æвзæгтыл. Йе 'рыгон бонты Толстой архайдта Кавказаг хæсты. Уыцы темæйыл ныффыста бирæ уацмыстæ. Сæ зындгонддæр у «Кавказаг уацайраг».
Фыссæг йæ царды бонтæ арвыста йæ фыдæлты зæххыл – Ясная Полянæйы.
Толстой дардта уырыссаг адæмы дарæс, даргъ боцъо æмæ рихитæ, хордта хуымæтæг хæринаг. Уый уыд тынг хъæддых адæймаг. Уарзта цуан кæнын дæр. Йæхи æхцатæй байгом кодта сывæллæттæн скъола, мæгуыртæн та – рынчындон.
Фыссæг амард 1910-æм азы. Цыдис ыл 82 азы.
Анахарсис.
Раджы цы 7 куырыхон лæджы цардис, уыдонæй иуы рагон автортæ нымадтой скиф Анахарсисы. Царди мах дуджы агъоммæ 7-æм æнусы. Анахарсис уыд ахуыргонд, цыд балцыты, базонгæ эллинты – афтæ хуыдтой Бердзенæгты – культурæимæ. Фæлæ йæ райгуырæн бæстæмæ куы 'рбаздæхт, уæд фæмард йе 'фсымæры-паддзах Савелийы- къухæй.
Анахарсис уыд тынг цыргъзонд. Йæ афоризмтæ æмбæлынц бирæ рагон авторты чингуыты. Иу ахæмы Анахарсисы куы бафарстой, адæм æдзух æнкъард цæмæн вæййынц,зæгъгæ, уæд радта ахæм дзуапп: «Уымæн æмæ сын тыхсты хос сты канд сæхи бæллæхтæ нæ, фæлæ искæй æнтыстытæ дæр».
«Расыггæнæг цæмæй ма суай, уымæн цы хъæуы?» - бафарстой Анахарсисы. «Арæх кæс къуприйы митæм», - дзуапп радта уый. Адæймаджы хорз æмæ æвзæр цы ис, зæгъгæ, йæ куы бафарстой, уæд загъта: «Йе'взаг», «Бирæ ницæййаг æмбæлтты бæсты дын фæлтау уæд иу хорз æмбал. Хъуыдытæ æмæ ныхæстæ хорз уæд вæййынц, сæ фæстæ рæсугъд хъуыддæгтæ куы фæцæуынц», - дзырдта-иу Анахарсис.
