Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
Билет ос яз 11 кл.doc
Скачиваний:
3
Добавлен:
01.07.2025
Размер:
146 Кб
Скачать
☆

Ирон æвзаг иртасджытæ.

Ирон æвзаг наукон æгъдауæй цæмæй иртæстгонд цыдаид, уымæн бындур æрæвæрдта академик А.Шегрен (1794 – 1855). Шегрен дыууæ азы фæцард Ирыстоны (1836 – 1837) æмæ сахуыр кодта ирон æвзаджы диалекттæ. Дзырдта сыгъдæг ирон æвзагыл. Æмæ, куыд диссаг у, Ирыстоныл фистæгæй зылд сæрдæй-зымæгæй æмæ æмбырд кодта æрмæг ирон адæмы истори æмæ æвзаджы тыххæй. Ныффыста «Ирон грамматикæ» цыбыр ирон – уырыссаг æмæ ирон дзырдуæттимæ». Уый мыхуыры рацыд 1844 азы.

Ирон æвзаг æмæ культурæйы рæзтæн бирæ хæрзтæ сарæзта академик Всеволод Миллер дæр (1848 - 1913). Уый фыццаг хатт Ирыстонмæ æрцыд 1879 азы. Уæдæй фæстæмæ фæзылд Ирыстоныл цыппар сæрды дæргъы. Ирон адæмы цардыуаг Миллеры зæрдæмæ ноджы тынгдæр фæцыд æмæ не,взагимæ ахуыр кодта фольклор, этнографи, археологи, истори. 1881 азы Миллер æртæ хайæ рауагъта мыхуыры йæ «Ирон этюдтæ». Уым ис ирон аргъæуттæ, таурæгътæ, ирон æвзаджы грамматикæ æмæ ирон адæмы историйы фæрстытæ.

Ирон адæм никуы ферох кæндзысты Шегрен æмæ Миллеры цытджын нæмттæ.

Фыдæлты зæхх – Ирыстоны зæрдæ.

Иу бæлас базæронд æмæ загъта: «О, адæм! Æз зæххыл хæцынæй бафæлладтæн æмæ фæлдæхын, фæлæ-иу мæ æгады æппæрст ма акæнут, мæ аууоны уæ æз бирæ куы фæдартон».

Бæлас хаугæ – хауын дæр йæ кады мæт кодта. Адæймаг дæр уыцы бæласау хъуамæ кæддæриддæр йæ кады мæт кæна. Бæласæн йæ къалиутæ цас бæрзонддæр цæуой, уый бæрц тынгдæр хæцы йæ уидæгтыл. Æмæ цымæ адæм дæр афтæ сты? Адæймаг дæр хъуамæ фидар хæца йæ уидæгтыл: йæ райгуырæн зæххыл, фыдæлты хорз æгъдæуттыл, йæ мадæлон æвзагыл, йæ адæмы сфæлдыстадыл.

Адæмы хъæздыгдзинад мулкæй баргæ нæу. Мулк у адæймаджы царды рæстæгмæйы ныфс æмæ разæнгарддзинады хос, фæлæ æнусон нæу.

Æнусон сты æрмæстдæр, нæ адæм йæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй цы сфæлдыста, уыцы фæрныг æгъдæуттæ, зарджытæ, таурæгътæ æмæ нæ фыдæлты зæхх.

Ныхас æмæ Хурбадæн.

Ныхасæн хохаг хъæуы æвзæрстой тæккæ рæсугъддæр æмæ лæгъздæр бынат. Ныхасмæ-иу æрæмбырд сты ас адæм. Уыдон кæрæдзийæн дзырдтой сæ фидæны тыххæй. Ныхасы не'мбæлд æвзæр дзыхæй дзурын, хыл кæнын. Уый уыд кувæндоны хуызæн сыгъдæг бынат. Сабитæ æмæ сылгоймæгтæ ныхасмæ нæ цыдысты.

Кæд нæлгоймæгтæн уыдис Ныхас, уæд сылгоймæгтæн та уыд Хурбадæн. Хуыздæр уæлхæдзар кæм уыд, уым-иу хурварс æрбамбырд сты нæ нанатæ. Сылгоймæгтæ-иу уырдæм семæ ахастой сæ куыстæгтæ: чи хуыдта дзабыртæ, чи æлвисгæ кодта.

Хурбадæн уыди сылгоймæгты скъола. Ам кæрæдзийæн амыдтой къухмийы сусæгдзинæдтæ.

Лæгтæ хурбадæнмæ нæ цыдысты. Афтæ цардысты нæ фыдæлтæ раджы заманы.

Кавказы фидауц.

Гуылфгæнгæ æмæ абухгæ ралæбуры Терк Дайраны нарæгæй. Куыд дарддæр, афтæ парахатдæрæй æнхъæвзы цыппар республикайы – Цæгат Ирыстон – Алани, Кæсæг-Балхъары, Цæцæны æмæ Дагестаны зæххыл. Уæрæсейæн æнæ Волгæйæ, Украинæйæн æнæ Днепрæй цæстыл ауайынгæнæн куыд нæй, афтæ Кавказ дæр нæ фидауы æнæ Теркæй. Йæ гуырæнтæ сты цыппар мин метры бæрзæндæн Зилгæ хохы цъититы Гуырдзыстоны зæххыл. Æхсæзсæдæ километрæй фылдæры дæргъæн фæндаджы фæстæ бакæлы Каспийы денджызмæ. Терчы дон цардыхос у йæ фæйнæфарс æнæнымæц бирæ хъæутæн æмæ горæттæн. Донæй æфсады хуымзæххыты сæдæгай мин гектартæ, дæтты бирæ алыхуызон арæзтадон æрмæг, ис ыл бирæ гидроэлектростанцæтæ.

Уыимæ иумæ Терк абон йæхæдæг у æххуысхъуаг. Теркмæ æмæ йæ къабæзтæм бирæ чъизитæ калынц алыхуызон заводтæ. Цæугæдон кæны змæстдæр æмæ чъизидæр, йæ дон хæдзарады æппæт къабазтыл нал æххæссы, куынæгмæ æртардтой кæсæгты. Уыцы фарстайыл кусы абон Алыварсы æрдз хъахъхъæнынады министрад.