- •Фæлварæнты билеттæ ирон æвзагæй (ирон æвзаг чи нæ зоны, уыцы ахуыргæнинæгтæн)
- •2010-2011 Ахуыры аз.
- •Хъæбатыртæ нæ мæлынц.
- •Дунейы артист.
- •Æнæмæлгæ поэт.
- •Английы сæрыстырдзинад.
- •Уæрæсейæн ном скодта.
- •Анахарсис.
- •Таурæгъ «Хетæджы къох».
- •Нæ республикæ.
- •Нæ уарзон бæрæгбæттæ.
- •Спорт Цæгат Ирыстоны – Аланийы.
- •Рагон Дзæуджыхъæу.
- •Ирон æвзаг иртасджытæ.
- •Фыдæлты зæхх – Ирыстоны зæрдæ.
- •Ныхас æмæ Хурбадæн.
- •Кавказы фидауц.
- •Фыццаг ирон балеринæ.
- •Беслæныхъæу.
- •«Хъазыбеджы хох».
- •Ирыстоны тырыса æмæ герб.
- •Брытъиаты Елбыздыхъо.
- •Горæтæн – скульпторы лæвар.
- •Ирыстоны лæггадгæнæг.
Ирыстоны тырыса æмæ герб.
Ирыстон у нæ райгуырæн бæстæ. Ам цардысты нæ фыдæлтæ æмæ нæ рагфыдæлтæ. Алы адæмыхатты истори дæр баст у йæ тырыса æмæ йæ гербимæ. Æркæсæм-ма, кæцæй рацыдысты Ирыстоны герб æмæ тырыса.
Ирыстоны тырысайæн ис рагон истори. Ууыл ис 3 хуызы: урс, сырх æмæ бур. Урс у сыгъдæгдзинады нысан, сырх у æхсардзинады нысан, бур у фарны (хъæздыгдзинады) нысан. Нæ рагфыдæлтæ дих кодтой 3 къордыл: хæстонтæ, дины кусджытæ æмæ хуымæтæг зæхкуджытæ Нарт дæр скифты хуызæн дих кодтой 3 мыггагыл:. Æхсæртæггатæ (Нарты зындгонд хæстонтæ), Алæгатæ (Нарты зондамонджытæ), Борæтæ (Нарты фарнхæсджытæ).
Ирыстоны герб конд уыд тырысайы астæу. Нæ рагон гербыл тарцъæх ахорæнтæй нывгонд цыдысты хæхты цъуппытæ. Уыдоны аууоны лæууы сæрыстыр фыранк. Йæ урс буарыл сау хъулæттæ.
Хæхты цъуппытæ амонынц ирон адæмы цæрæнбынат. Фыранк та у хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады нысан.
Нæ рагфыдæлтæ уыцы гербимæ хæтæнты цыдысты Мидимæ, хæцыдысты Гуырдзы æмæ Визæнтийæимæ, тох кодтой монголты ныхмæ.
Брытъиаты Елбыздыхъо.
Брытъиаты Елбыздыхъо у ирон драматургийы æмæ профессионалон театры бындурæвæрæг. Ирон сценæйы æппæты фыццаг уый пьесæтæ æвæрд æрцыдысты, уыдонæй райдыдта ирон драматурги. Елбыздыхъо равдыста ирон адæмы царды æцæг нывтæ. Ирон литературæйы хæзнадонмæ бахаста диссаджы драмон уацмыстæ. Сарæзта, уæды онг ирон литературæйы чи нæма уыд, ахæм æххæст фæлгонцтæ.
Елбыздыхъо ныффыста комеди «Уæрæседзау», пьеса «Худинаджы бæсты – мæлæт», драмæтæ «Дыууæ хойы» æмæ «Хазби», трагеди «Амыран», радзырд «Цад». Йæ публицистон уацмыстæ та фыста иронау дæр æмæ уырыссагау дæр.
Брытъиаты Елбыздыхъо сфæнд кодта ирон адæмæн бамбарын кæнын, театр æрмæст худынæн кæй нæу. Уый хъуамæ хæсса хурмæ æхсæнадон царды хъæнтæ, æххуыс кæна фæллойгæнæг адæмы уавæр хуыздæр кæнынæн, хæсса рухс æмæ ахуырдзинад адæмы ’хсæнмæ.
Горæтæн – скульпторы лæвар.
Фæстаг азты Дзæуджыхъæу йæ хуыз скалдта ног рæсугъд хæдзæрттæ, фонтантæ, скульптурон фæлгонцтæй. Горæты цæрджыты зæрдæтæ рухс кæны Терчы былгæрæтты фæлгонц, хидтæ аивдæр æмæ рæсугъддæр кæй фесты, уый.
2001 азы ноябры Кировы хиды цыппар тигъыл фæзындысты скульптурæтæ – сæрбæрзондæй кæсынц домбайтæ. Цас сæрыстырдзинад ис ацы аивадон уацмысты! Уыдон конд æрцыдысты реалон хуызы, фæлæ сæ зыны авторæн йæхи æрмдзæф дæр. Ахæм скульптурон ансамбль нæ горæты уынгтæ ныры онг нæма федтой. Уайтагъд сын аргъ скодтой адæм, ома, сæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты.
Чи у сæ автор? Баскаты Сослан. Скульптор Баскаты Сослан Мæскуыйы цæры æмæ кусы, фæлæ зæрдæ æмæ зондæй та баст у йæ райгуырæн уæзæгимæ.
Сосланы æдзухдæр фæндыдис, цæмæй йæ горæт уа рæсугъд æмæ райдзаст. Æмæ курдиатджын скульптор балæвар кодта йæ райгуырæн горæтæн Кировы хиды ансамбль.
