Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
Билет ос яз 11 кл.doc
Скачиваний:
3
Добавлен:
01.07.2025
Размер:
146 Кб
Скачать
☆

Нæ уарзон бæрæгбæттæ.

Ирон адæммæ ис бирæ бæрæгбæттæ. Сæ сæйрагдæртæ сты: Ног аз, Джеоргуыба, Хетæджы бон. Ног аз бæрæг кæнынц 1-æм январы. Адæм заз бæлæстыл сауындзынц хъазæнтæ, фынгтыл æрæвæрынц хæрд æмæ нозт. Æхсæвы, 12 сахатыл, Хуыцаумæ скувынц Ног азæн, фæкурынц ног хæрзтæ. Адæм сæ кæрæдзийæн фæкæнынц бæрæгбоны арфæтæ. Бирæ адæм ма бæрæг кæнынц Ногбон дæр, ома зæронд Ног аз. Уый вæййы 12-14 январы. Кæддæр ацы бæрæгбоны æфсинтæ фыхтой басылтæ æмæ сæ лæвæрдтой уазджытæн. Фæсивæд та æхсæвы цыдысты хæдзæрттæм, кафыдысты æмæ зарыдысты.

Ирыстоны ноябры 19-21-æм бон райдайы Джеоргуыбайы бæрæгбон. Адæм æрбахонынц сæ хæлæртты, хæстæджыты, сыхæгты. Фæкувынц лæгты æмæ бæлццæтты дзуар Уастырджимæ, бафæдзæхсынц ыл сæ бинонты, уæлдайдæр та – фæсивæды. Ацы бæрæгбон райдайы хуыцаубоны æмæ ахæссы æнæхъæн къуыри.

Æппæт ирон адæмæн уарзон у Хетæджы бон дæр. Уый вæййы июлы. Алы хæдзар дæр скувы æртæ чъирийы. Ирыстоны алы рæттæй адæм æрæмбырд вæййынц Хетæджы къохы кувæндонмæ. Дзуарæй фæкурынц амонд, æнæниздзинад, бæркад. Алырдыгæй фæхъуысы зард, фæндыры цагъд, хъæлдзæг ныхас. Ирон бæрæгбæттæ æххуыс сты адæмы 'хсæн хæлардзинад фидар кæнынæн.

Таурæгъ «Хетæджы къох».

Раджы кæддæр Хетæджы къохы бынаты уыди стыр хъæу. Ам цард кадджын лæг, йæ ном – Хетæг. Куырыхон уыд уый. Зыдта, цы уыд, цы ис æмæ цы уыдзæн, уыдон иууылдæр. Ахæм лæджы фæрцы хъæу цард фæрныгæй, разы уыд йæ амондæй.

Цыдысты азтæ. Зæронд кодта Хетæг дæр. Раст уыцы заман хъæумæ æрбабырстой знæгтæ. Хъæуы адæм ныууагътой сæ къонатæ æмæ лидзын райдыдтой. Фæлæ сæ рох нæу сæ хæрзгæнæг зæронд лæг.

  • Хетæг, лидзгæ кæн хъæдмæ, науæд сæфыс! – хъæр æм кæнынц адæм. Хетæг рацыд хæдзарæй æмæ дзуры:

  • Мæ тых басасти, нымад сты мæ царды бонтæ. Хетæг хъæдмæ нал фæразы, фæлæ хъæд – Хетæгмæ!

Æрцыд йæ дзырд. Хъæд ныннæрыд, хъæдæн йæ иу хай сыстад æмæ æртыхсти Хетæгыл. Уыцы хъæд ныр абон дæр лæууы хъæуы бынаты, æмæ йæ адæм хонынц Хетæджы къох.

Нæ республикæ.

Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани у Уæрæсейы хуссайраг хайы рæсугъддæртæй иу. Йæ фæзуат у аст мин квадратон километры. Ам цæрынц алыхуызон адæмыхæттыты минæвæрттæ: ирæттæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ, гуырдзиæгтæ, дзуттæгтæ æмæ æндæртæ. Республикæйы бынæттон цæрджытæ сты ирæттæ – рагон скифты, сæрмæтты æмæ аланты байзæддæгтæ. Æппæт адæмтæ дæр цæрынц хæларæй.

Цæгат Ирыстон-Аланийы ис бирæ заводтæ, фабрикæтæ. Уæлдай стырдæр ахадынц хъæдыкуыстгæнæг, химион, рог æмæ хуызджын промышленносты хуызтæ. Ирыстоны хæхтæ хъæздыг сты гранитæй, чъырдурæй, здыйæ, цинкæй æмæ минералон дæттæй. Хъæуты адæм кæнынц стурвос æмæ маргъ дарыны куыст. Уымæй уæлдай ма быдырты тауынц нартхор, мæнæу, кæнынц халсарты æмæ дыргъты куыст.

Республикæйы сæйраг горæт Дзæуджыхъæу у стыр æмæ аив. Ис ма дзы æндæр горæттæ дæр: Æрыдон, Алагир, Беслæныхъæу, Дигора æмæ Мæздæг.

Республикæйы бирæ ис рæсугъд бынæттæ: Цъæйгом, Дзинагъа æмæ æндæртæ. Сæрдыгон Ирыстон уæлдай рæсугъддæр вæййы. Уымæ гæсгæ нæ республикæ фенынмæ фæтырнынц бæлццæттæ æппæт дунейæ. Уыдонæн арæзт æрцыдысты тынг аив фысымуæттæ æмæ отельтæ.