Добавил:
Upload Опубликованный материал нарушает ваши авторские права? Сообщите нам.
Вуз: Предмет: Файл:
Билет ос яз 11 кл.doc
Скачиваний:
3
Добавлен:
01.07.2025
Размер:
146 Кб
Скачать
☆

Фыццаг ирон балеринæ.

1910-æм аз. Горæтæгтæ къордтæй лæууынц афишæты цур æмæ кæсынц æнахуыр артистты нæмттæ: «Горская æмæ Троянов». Æрмæст хиуæттæ зонынц, чи сты уыдон: Троянов – Всеволод Головниченко, Горская та – Гæздæнты Аврорæ.

Аврорæ райгуырд 1894 азы Гæздæнты Данелы хæдзары. Мад æмæ фыд тынг бирæ уарзтой сабийы, буц æй дардтой, хуыдтой йæ Алоккæ. Бинонтæ арвыстой чызджы Мæскуымæ ахуыр кæнынмæ. Ам Аврорæ фыццаг хатт федта балет æмæ йæ бауарзта йæ удæй фылдæр. Чызг ныууагъта йæ ахуыр, сусæгæй райдыдта кафын, сси балеринæ.

Ныр æрцыд йæ райгуырæн зæхмæ концертимæ. Хæстæджытæ рабадтысты залы фыццаг бынæтты. Гæздæнты хистæртæ базыдтой Алоккæйы, сæ цæсгæмттæ фæтар сты, уыдон сыстадысты æмæ рацыдысты театрæй.

Уæдæй фæстæмæ Аврорæйæн фæндаг нал уыд йæ фыды хæдзармæ. Гæздæнтæ йыл хъоды бакодтой. Алоккæ раздæрау кафыд, фæлæ йæ зæрдæ уыд саст.

1928 азы Аврорæ уæззау фæрынчын æмæ амард æцæгæлон бæстæйы, Парижы. Цыдис ыл 34 азы.

Ахæм æнкъард хъысмæт уыд фыццаг ирон балеринæйæн.

Беслæныхъæу.

Рахизфарсы районы центр Беслæныхъæу æмæ Дзæуджыхъæуы ’хсæн ис 22 км. Йæ бындур ын 1847-æм азы æрæвæрдта хъобайнаг æлдар Тлаттаты Беслæн. Нудæсæм æнусы хъæуы сарæзтой æфсæнвæндаг Ростов æмæ Грознамæ. Ауылты Мæскуыйæ цæуынц автобустæ Тбилисимæ. Горæт æмæ республикæ соса фæндæгтæй баст сты Кавказы иннæ республикæтимæ дæр.

Беслæныхъæу горæты ном хæссы 1950-æм азæй нырмæ. Ам ис алыхуызон промышленнон куыстуæттæ: дзулгæнæн æмæ æхсыры заводтæ, маисон комбинат. Уый кусы 1932 азæй нырмæ, ахсы 485 гектары.

Горæты ма ис авд астæуккаг скъолайы, интернат, музыкалон скъола, культурæйы галуан, профессионалон-техникон училище, кинотеатр, цыппар чиныгдоны, ресторантæ, кафетæ.

Беслæныхъæуы Октябры революцийы размæ царди 2 мин адæймаджы, нæ рæстæджы та – 32 мин адæймагæй фылдæр.

Горæтæй 4 км дарддæр ис аэропорт. Уæлдæфон транспортæй горæт баст у нæ бæстæйы æмæ бирæ фæсарæйнаг горæттимæ.

«Хъазыбеджы хох».

Хъаныхъуаты Бола у зындгонд ирон богал. Уый уыд диссаджы тыхджын æмæ фæразон адæймаг. Йæ дæргъ уыд 2 метры æмæ 27 сантиметры, йæ уæз та – дыууæсæдæ цыппæрдæс килæйы.

Бола райгуырд Хъобаны Хъаныхъуаты Дударыхъойы хæдзары. Азы онг сывæллон уыд тынг лæмæгъ, фæлæ уый фæстæ райдыдта тагъд рæзын. Лæппуйыл 4 азы куы цыд, уæд йæ мадимæ ацыд дон хæссынмæ. Къæртатæ уыдысты уæззау, мад сæ уынджы фæуагъта, йæхæдæг сыхæгтæм бацыд. Гыццыл Бола доны къæртатæ систа æмæ сæ хæдзармæ бахаста. Мад æмæ сыхæгтæ фæдис кодтой.

Иухатт та йæ фыдимæ галтæй суг ластой хъæдæй. Гал бафæллади æмæ нал цыди размæ. Бола галы суæгъд кодта, йæхи галы бæсты сифтыгъта æмæ иунæгæй уæззау хъæдтæ сласта хохмæ.

Мин фарастсæдæ цыппæрæм азы Хъаныхъуаты Бола райдыдта хъæбысæй хæцын. Хъæбысæй хæцыд цирчы. Йæ рæстæджы Болайы ничи æмæ никуы амбылдта. Уый фæуæлахиз дунейы тыхджындæр богæлттыл.

Болайæн лæвæрдтой алыхуызон нæмттæ: «ирон уæйыг», «Хъзыбеджы хох», «адæймаг – хох» æмæ æндæртæ.

Ирон адæм тынг бирæ уарзтой Болайы, уымæн æмæ уый канд диссаджы тыхджын адæймаг нæ уыд, фæлæ ма уыд æнæхин æмæ хæларзæрдæ адæймаг дæр.

Амагæ.

Амагæ уыд сæрмæтты паддзах. Уый уыд тынг зондджын, æхсарджын, хорз арахсти хæцæнгарзимæ дæр.

Амагæ хорз æмбæрста, сыхаг грекъаг горæттимæ лымæнæй цæрын кæй хъæуы, уый. Сæрмæттæ æлхæдтой грекъæгтæй æфсæйнаг æмæ æндæр алыхуызон дзаумæттæ.

Скифтæ-иу арæх æрбабырстой грекъаг горæттæм. Амагæ цæдис скодта горæт Херсонимæ. Уый фæстæ арвыста скифтæм, цæмæй уыдон се 'рбабырстытæ ныууадзой. Скифты паддзах нæ байхъуыста Амагæмæ.

Уæд хъæбатыр сылгоймаг йемæ акодта 120 хуыздæр хæстоны. Уыдонæй алкæмæ дæр уыд 3 бæхы. Хæстонтæ бæхты ивтой æмæ иу бонæй иннæмæ ацыдысты 1200 стадийы (190 км). Сæрмæттæ æхсæвы балæбурдтой скифты паддзахы резиденцимæ æмæ йын йе ’фсады ныццагътой.

Уый уыд 160-æм аз Чырыстийы райгуырды агъоммæ. Амагæ сси скифты паддзах æмæ грекъаг горæтты протектор. Ирон æвзаджы та баззад ахæм ныхас: «Гъа, мæ гъа!» Афтæ фæзæгъынц, истæуыл тынг дис куы фæкæнынц, уæд.